— Айрæзут уал, мæ хуртæ, стæй, куы слæгтæ уат, уæд уын зæгъдзынæн, уæ фыдыбæстæ кæм ис, уый.

Уыдон айтæ-уыйтæ нал фæкодтой, фæлæ бел стæвд кодтой арты æмæ сæ мады сæ быны ракодтой æмæ йын тæвд бел йæ дыууæ дзидзийы æхсæнмæ ныддардтой, нæ фыдыбæстæ кæм ис, уый нын зæгъ, кæннод дæ физонæг кæнæм, зæгъгæ.

Усæн гæнæн куы нæуал уыди, уæд сын æй загъта, уæдæ цы уыдаид. Радзырдта сын:
— Сымахæн уæ фыдæлтæ цардысты Нарты ’хсæн æмæ кæрæдзи амардтой.

// Нарты бæлас, фрагмент. Записано со слов 80-летнего Гуриева Гагуза в 1896 году.